Реком

Реком

Реком у Ирыстоны зындгонддæр бæрæгбæттæй иу, ахæссы æнæхъæн къуыри. Раздæр Рекомы кувæндонмæ цыдысты Ирыстоны алы хъæутæй. Бæрæгбоны, раздæрау, ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт.

Ивгьуыд æнусты Рекомы кувæндонмæ уый бæрц адæм цыд, æмæ-иу йæ алыварс къах барæвæрæн нал уыд.

Рекомы алыварс бирæ мыггæгтæн уыди дурæй конд рæстæгмæйы хæдзæрттæ. Бæрæгбоны-иу бафысым кодтой уым. Дынджыр æрхуы æгты-иу сфыхтой бæгæны. Чи гал æргæвста, чи – фыс. Алы хъæуæн дæр уыд йæхи куывд. Кæрæдзийæн нуазæнтæ æрвыстой, кæрæдзийы хуыдтой. Æнæхъæн дзыллæтæ-иу кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ кувæндоны алыварс заргæ зылдысты.

Рекомы кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты, сæ кувинæгтæ-иу барвыстой æмæ-иу сæ дзуары лæгтæ скуывтой.

Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон арæзт æрцыд 1382 азы. Сарæзтой йæ, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм  хъæдæрмæгæй.

Рекомы бæрæгбон ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт, фæдзурынц сыхæгтæм, хионтæм æмæ фæбадынц, фæкувынц, фæзарынц.

Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы хурхæтæны (июны) мæймæ.

Реком

Реком является одной из значимых праздников в Осетии и продолжается неделю. Раньше к святилищу Реком приезжали со всех сел. Как и раньше, в честь праздника режут скот.  В прошлое столетие к святилищу Реком приезжало столько людей, что негде было  ногу ставить.

Вокруг Рекома у многих фамилий были построены временные дома из камня.  Во время праздника они оставались там. В больших медных котлах варили пиво.  Кто резал быка, а кто – барана.  Каждое село проводило свой пир.  Приглашали друг друга в гости. Масса людей брались за руки и ходили вокруг святилища, напевая песни.

Женщины к святилищу не поднимались, передавали свои праздничные блюда.

Как считают учёные, святилище Реком было построено в 1382 году. Строили из не загнивающей древесины.

В наши дни во время праздника Реком многие приносят в жертву скот, зовут соседей, родственников, молятся, поют.

Праздник зачастую приходится на июнь.